Женеваг дискусситæ æндæр бæстæмæ рахæссыныл æрдзурдзысты форматы æппæт хайадисджытимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik. Уæрæсейы хъæппæрисыл Женеваг дискусситæ æндæр бæстæмæ ахæссыны фæдыл æрдзурдзысты форматы æппæт хайадисджытимæ, хъусын кæны РИА Новости.
"Женеваг æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдартæ зонынц ацы хъæппæрисы тыххæй æмæ æрдзурдзысты ацы темæ æмæ æндæр фарстытыл Женеваг форматы æппæт хайадисджытимæ", - фехъусын кодтой агентадæн ОБСЕ-йы мальтайаг минæварады.
Уый размæ Уæрæсейы ФХМ официалон минæвар Мария Захарова фехъусын кодта, Швейцари кæй сафы æууæнк куыд æхсæнадæмон хъуыддæгты æхсæнылæг, æмæ Мæскуы райдайдзæн дзурын Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситæ æндæр бæстæмæ ахæссыныл.
Карасин Женеваг дискусситы тыххӕй: Швейцарийӕн альтернативӕ нырма нӕй