Дменисы сæвæрдзысты уæлæмхасæн трансформаторон дæлстанц

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы районы Дменисы хъæуы сæвæрдзысты уæлæмхасæн трансформаторон дæлстанц хъæуы электроифтонгадæн. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланимæ инспекцион балцы рæстæджы фехъусын кодта "Энергоресурс"-ы разамонæг Къæбысты Ацæмæз.
"Хъæуы цæрджытæ хъаст кодтой лæмæгъ электроæндæвдадыл, уый фæдыл аскъуыддзаг кодтам саразын бæрзондвольтон хахх æмæ уæлæмхасæн трансформаторон дæлстанц", - загъта Къæбысты Ацæмæз.
Йæ ныхæстæм æсгæ, дыууæ къуырийы дæргъы сæвæрдзысты электрондыхы хаххы 16 цæджындзы, æмæ хъæуы 60 хæдзары ифтонг уыдзысты электроэнергийæ.