Гаглойты Алан басгӕрста консервон заводы трансформаторон дӕлстанцы арӕзтад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ӕртыццӕджы басгӕрста Цхинвалы районы Присы хъӕуы консервон заводы трансформаторон дӕлстанц ӕмӕ бӕрзондвольтон хаххы арӕзтад.
"Энергоресурс"-ы сӕргълӕууӕг Къӕбысты Ацӕмӕз банысан кодта, куыстытӕ кӕй фӕӕуыдзысты цыппар бонмӕ.
"Мах сӕвӕрдтам 14 цӕджындзы ӕмӕ трансформаторон дӕлстанц, ӕмӕ ныридӕгӕн бавнӕлдтам монтажон куыстытӕм. Цыппар бонмӕ арӕзтадон куыстытӕ фӕуыдзыстӕм", - загъта Къӕбысты Ацӕмӕз.
Президент Гаглойты Алан бахахх кодта, паддзахад цӕттӕ кӕй у алыварсон ӕххуыс кӕнын заводы проблемӕтӕ скъуыддзаг кӕнынӕн.
Консервон заводы баконд фадат ратдзӕн саразын 230-ӕй фылдӕр куысты бынаты.