Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта майдантæй СÆО-йы дыууæ хайадисæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта майдантæй сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджыты Пæррæстаты Ацæмæз æмæ Тедеты Юрийы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта майдантæй СÆО-йы дыууæ хайадисæджы

"Мах цалдæр хатт уыдыстæм сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, æмбæлдыстæм нæ хæстонтимæ, фæлæ нын алкæй фенын нæ бантыст. Уый фæдыл æз æмбæлын алкæимæдæр, чи вæййы хæдзары, цæмæй сын бузныг зæгъон æмæ радтон хорзæхтæ", - загъта Гаглойты Алан хæстонтæн.

Президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кæй æмбарынц, цы уæззау хæслæвæрдтæ æххæст кæнынц ирон лæппутæ, куыд тох кæнынц æмæ бæрзонд кæй хæссынц ироны ном.
Хæстон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы хъайтардзинад равдисыны тыххæй паддзахады сæргълæууæг схорзæхджын кодта Пæррæстаты Ацæмæз æмæ Тедеты Юрийы "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæгæн" майдантæй.
Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта майдантæй СÆО-йы дыууæ хайадисæджы