ПÆК: арæнхъахъхъæнджытæ не ‘руагътой тамакоты контрабандæ Хуссар Ирæй Гуырдзыстонмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ не ‘руагътой тамакоты контрабандæ Хуссар Ирæй Гуырдзыстонмæ, ацы фыдракæнд саразыны зæрдæхсайгæты æрцахстой, фехъусын кодта республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
"Знауыры районы Зиууæты хъæуы цур 20 апрелы ПÆК Арæнхъахъхъæнæн службæйы кусджытæ Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты æфсæддонтимæ иумæ не ‘руагътой тамакойы æхсæз коробкæйы контрабандæ Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ. Афтæ ма хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы зæрдæхсайгæтæм ссардтой 146 мин сомы æмæ дыууæ гæххæтты гæны тауинæгтимæ", - банысан кодтой уагдоны.
Комитет бæрæг кæнын ацы фыдракæндон архайды организаторты, бафтыдтой уагдоны.