Дзӕуджыхъӕуы ацы аз сцалцӕг кӕндзысты 26 уынджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ацы аз сцалцӕг кӕндзысты 26 уынджы националон проект "Безопасные качественные дороги"-йы фӕлгӕтты, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Аразджыты ӕдӕппӕт хъӕуы сӕвӕрын 156 мин квадратон метры асфальт. Афтӕ ма арӕзт ӕрцӕудзысты тротуартӕ, пандустӕ сахъат ӕмбӕстӕгтӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр", - ныффыста Меняйло йӕ TG-каналы.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, фӕндагон службӕтӕ ныридӕгӕн кӕй бавнӕлдтой Доваторы проспект ӕмӕ Уататы Бимболаты уынджы арӕзтадмӕ.