ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik. Ленингоры районы Цъубены хъӕуы цур агурынц фесӕфӕг нӕлгоймаг Хацырты Тамазы, хъусын кӕны дыццӕджы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Ленингоры районы Цъубены хъӕуы цур УУМ ирвӕзынгӕнджыты къорд 15 специалисты скондӕй ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ агурынц 1955 азы гуырд Хацырты Тамазы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Министрады ӕрсидтысты республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕм информаци куы фӕзына ацы нӕлгоймаджы фӕдыл, уӕд бадзурой уагдоны экстренон бастдзинады службӕмӕ: 101; 112; +7-929-810-10-01.