Хуссар Иры фӕндагарӕзтады комитет бавналдзӕн Транскамы хуссарирыстойнаг фарсы цалцӕгмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕндагарӕзтады комитет ӕввахс рӕстӕджы бавналдзӕн Транскамы хуссарирыстойнаг фарсы цалцӕгмӕ. Аразджытӕ сӕхгӕндзысты трасссӕйы дзыхъхъытӕ ӕмӕ балхынцъ кӕндзысты республикӕмӕ ӕрбахизӕны хӕрзарӕзтад. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта комитеты хистӕр Гӕбӕраты Алан.
"Ӕввахс рӕстӕджы комитет йӕ кусджытӕ ӕмӕ техникӕ акӕндзӕн Транскаммӕ. Сӕхгӕндзыстӕм дзыхъхъытӕ, фӕндаджы ӕфхӕрд хӕйттӕ ногӕй бамбӕрздзыстӕм асфальтӕй ӕмӕ нынныв кӕндзыстӕм гъӕдджын ахорӕнтӕй", - банысан кодта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ӕмрӕстӕджы бацархайдзысты, цӕмӕй балхынцъ кӕной республикӕмӕ ӕрбацӕуӕны хӕрзарӕзтад.
"Йӕ каркас у цӕттӕ. Ӕввахс рӕстӕджы сӕвӕрдзыстӕм уӕлфысттӕ "Государство Алания" ӕмӕ "Ирыстон". Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" Ручъы хъӕуӕй суадздзӕн рухс, цӕмӕй тоннелӕй галереймӕ фӕндаг уа рухс",- бафтыдта уый