Хуссар Иры фæцис турнир мини-футболæй, финал бабæрæг кодта президент Гаглойты Алан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Дменисы хъæуы фæцис республикæйы физикон культурæйы сгуыхт кусæг Габаты Иваны номарæн турнир мини-футболæй, финал бабæрæг кодта президент Гаглойты Алан, хъусын кæны цыппæрæмы паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Æрвылазон турнир райдыдта дыууæ боны размæ, йæ организатор уыд Цхинвалы район.
Президент схорзæхджын кодта турниры уæлахиздзау – Дменисы командæйы. Дыккаг бынатыл ацыд Цъунары командæ, æртыккагыл та Тъыбеты командæ.
Хуссар Иры фæцис турнир мини-футболæй
Гаглойты Алан банысан кодта, æртæ боны дæргъы футболисттæ кæй æвдыстой сæ курдиат æмæ уæлахиздзаутæ сты алы хайадисæг дæр.
"Стыр бузныг дзурын меценат Икъаты Русланæн, кæцы бирæ тыхтæ радта Дменисы хъæуы спортивон комплексы фæдыл проекты реализацийæн. Районы фæсивæдæн ис алы уавæртæ дæр уæлахизмæ цæуынæн. Æрмæстдæр иумæ нæ бон уыдзæн райсын иттæг хорз фæстиуджытæ", - загъта президент.
Иууыл хуыздæр хъазджытæн радтой зæрдылдарæн призтæ.
Турниры иууыл хуыздæр хъахъхъæнæг ссис Гæджиты Ацæмæз, хуыздæр размæбырсæгыл банымадтой Козаты Рональдойы, хуыздæр дуаргæс – Кокойты Сослан, хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæг – Хаситы Олег, хуыздæр бомбардир – Сагкаты Спартак.
Паддзахады сæргълæууæджы номæй командæтæн радтой æхцайы призтæ.
Хуссар Иры фæцис турнир мини-футболæй