Цхинвалы цæрæг бахаудта рынчындонмæ "Метадон"-æй фæхъæстæйы фæстиуæгæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны 47-аздзыд цæрæг бахаудта рынчындонмæ медиаментозон фæхъæстæимæ, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй нæлгоймагæн медицинон æххуыс куы бакодтой, уæд ын банхъардтой рацæуын медицинон басгæрст наркотикон буарадтæй пайда кæныны фæдыл.
"Медицинон басгæрст сбæрæг кодта, æмбæстаг кæй пайда кодта наркотикон буарад "Метадон"-æй", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, нæлгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы административон бæрндзинад наркотиктæй пайда кæныны тыххæй.