Хуссар Иры æмдзæвгæты хуыздæр кæсджыты сбæрæг кæндзысты ирон æвзаджы Боны цытæн конкурсы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 мая – Sputnik, Æлборты Салима. Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитт фехъусын кодта, кæй райдыдтой исын куырдиæттæ æмдзæвгæты хуыздæр кæсджыты конкурсы хайад райсыны тыххæй, кæцы нывонд у ирон æвзаджы Бонæн. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта комитеты кусæг Джуссойты Диана.
"Конкурсы хайад райсыны тыххæй хъæуы ныффыссын видео ирон æвзагыл æмдзæвгæ кæсынимæ. Куырдиæттæ ист цæудзысты 15 майы. Конкурсæн хатдзæгтæ скæндзысты социалон хызæгты хъæлæскæнынады рæстæджы", - радзырдта уый.
Конкурсы хайад райсыны бар ис 14-æй 35 азы кары æмбæстæгтæн. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты æхцайы призтæй.