ЦХИНВАЛ, 7 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн цыппар адӕймаджы буары цӕфтимӕ бакодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 316 фӕткхалды. Фараст шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Уымӕй дарддӕр республикӕйы территорийыл иу къуыримӕ регистраци ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй милицийы кусджытӕ бӕрнмӕ ӕрбаздахтой аст адӕймаджы.