Цхинвалы бакодтой эвакуацион госпиталы цытӕн мемориалон фӕйнӕг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 мая – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны бакодтой мемориалон фӕйнӕг эвакуацион госпиталы цытӕн. Стыр Фыдыбӕстон хӕсты азты госпиталь уыд Цхинвалы ӕртыккаг астӕуккаг скъолайы территорийыл.
Мемориалон фӕйнӕг бакодтой Уӕрӕсейы минӕварады ӕмархайдӕй.
"Ацы эвакуацион госпиталы хос кодтой Сырх Ӕфсады хӕстонтӕн. Ӕдӕппӕт дзы схос кодтой 6000 адӕймагӕн. Уый егъау цифрӕ у. Госпиталы чи куыста, уыцы ветерантимӕ куы ныхас кодтам, уӕд нын радзырдтой, куыд зын сын уыд кӕсын фӕцӕфуӕвӕг хӕстонтӕм, афтӕ ма горӕты хуымӕтӕг цӕрджытӕ куыд хастой продукттӕ, алыгъуызон ӕххуыс сын кодтой", - радзырдта уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов.
Мадзалы хайадисджытӕ – хицауад, парламент, тыхон структурӕтӕ, политикон партитӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ – дидинтӕ сӕвӕрдтой мемориалон фӕйнӕгмӕ.
Скъолаты ахуырдзаутӕ бакастысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизӕн нывонд ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ сӕххӕст кодтой зарджытӕ, сӕ нымӕцы "Уӕлахизы бон" ирон ӕвзагыл.
Цхинвалы бакодтой эвакуацион госпиталы цытӕн мемориалон фӕйнӕг