Хуссар Иры ЦÆК срегистраци кодта фыццаг кандидатты депутаттæм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 май - Sputnik. Централон æвзарæн къамис (ЦÆК) къуырисæры срегистраци кодта фондз кандидаты депутаттæм иумандатон зылдтæй.
Æвзæрстыты официалон æгъдауæй хайад райсыны бар ис архайгæ депутаттæ Гаглойты Алан (8 зылд) æмæ Чысиаты Константинæн (5 зылд), афтæ ма Гæджиты Сослан (15 зылд), Гасситы Александр (3 зылд) æмæ Елбачиты Александрæн (12 зылд).
Афтæ ма ЦÆК æркаст дыууæ æмбæстаджы куырдиæттæм, кæцытæ фехъусын кодтой къамисæн, кæй нал цæуынц парламенты депутатты кандидаттæй.
Уымæй дарддæр ЦÆК сфидар кодта хъæлæскæнынады æвзарæн бюллетеньты формæ æмæ тексттæ.
Ноджы ма сфидар кодтой æвзарджыты номхыгъды формæ æмæ текст.