Цӕгат Иры Эльхотовайы райдыдта кӕртыты хӕрзарӕзтад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Эльхотовайы горӕты райдыдта кӕртыты хӕрзарӕзтад, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Уӕлдай хъусдард – хъӕуты цӕрӕн пункттӕм, фӕнды нӕ, цӕмӕй ам дӕр фӕзыной рӕсугъд ӕмӕ комфортон бынӕттӕ нӕ цӕрджыты улӕфтӕн", - ныффыста регионы разамонӕг йӕ телеграм-каналы.
Меняйло бахахх кодта, Зортовы уынгыл цалцӕг кӕй цӕуы ӕмгъуыдӕй раздӕр – специалисттӕ фӕуд кӕынц цӕттӕгӕнӕн зӕххы куыстытӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕрзарӕзтадон куыстытӕ фӕуыдзысты сӕрты кӕрӕттӕм.
Цӕгат Иры Эльхотовайы райдыдта кӕртыты хӕрзарӕзтад