Хуссар Иры дарддæр агурынц Аджиты Вадимы, кæцы фесæфт майы райдайæны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты минæвæрттæ æртыццæджы сног кодтой республикæйы 43 –аздзыд цæрæг Аджиты Вадим агуырд, сæ архайд нырма фæстиуæгджын нæу, хъусын кæны МХМ-йы пресс-службæ.
"Нæлгоймаджы агуырды хайад исынц тыхон структурæты минæвæттæй 300. Уæдонæй 130 сты Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдты кусджытæ", - загътой уагдоны.
Агурджытæ басгæрстой Хеиты хъæуы фарсмæ хъæд æмæ Леуахийы донбылгæрæттæ, агуырд цыд квадрокоптеры руаджы дæр.
"Архайд нырма фæстиуджытæм не ркодта", - бахахх кодтой уагдоны.
Микрорайона "Хурзæрины" цæрæг агурыд цæуы 3 маййæ фæстæмæ, æд йæхиуæттæ фехъусын кодтой нæлгоймаг, кæй ацыд хъæдмæ æмæ фæстæмæ не рыздæхт.
Ленингоры районы агурынц фесӕфӕг пенсиисӕджы