ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕцӕфуӕвӕг хӕстонты фонд ласта радон гуманитарон ӕххуыс ирон хӕстонтӕн, кӕцытӕ хайад исынц Сӕрмагонд хӕстон операцийы.
Фонды хистӕр Плиты Мадинӕ радзырдта Луганскы адӕмон республикӕмӕ сцӕуынмӕ хъавыдысты ивгъуыд аз, фӕлӕ уавӕр стабилон кӕй нӕ уыд, уый аххосӕй аргъӕвтой балц. Гуманитарон уӕз та бантыст ӕрӕмбырд кӕнын президент Гаглойты Аланы фӕрцы.
"Бантыст ӕрӕмбырд кӕнын минералон дон ӕмӕ хӕлцадон продуктты егъау гуырахст", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, гуманитарон ӕххуысы ӕмбырд кӕныны хъуыддаджы ма сӕм фӕкаст президенты уынаффӕнӕнг Плиты Алан ӕмӕ Генералон прокурор Собаты Григорий. Уымӕй дарддӕр ма сын ӕмархайд кодтой МХМ, УУМ, ФХМ, Таможнӕйы комитет ӕмӕ "Югосетнефтепродукт".
Фондӕн уый ссис йӕ фӕндзӕм гуманитарон акци. Балцы фӕлгӕтты ма уыдон радтой ЛНР Генералон прокурор Сергей Гренкойы идӕдзӕн Хуссар Ирыстоны Кады Орден, кӕцыйӕ уый хорзӕхджынгонд ӕрцыд президент Гаглойты Аланы бардзырдӕй.