Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл райдыдта радон фембӕлд ИӔАМ форматы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 май - Sputnik, Томайты Аманда. Инциденттӕ ма руадзыны ӕмӕ аиуварс кӕныны механизмты (ИӔАМ) форматы радон фембӕлд райдыдта цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл. Хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе, Гуырдзыстон ӕмӕ ОБСЕ-йы минӕвӕрттӕ.
Боны фӕткы ис ӕрдзурын инциденттыл, кӕцытӕ ӕрцыдысты паддзахадон арӕныл фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ, гуманитарон фарстытӕ, афтӕ ма хуссарирыстойнаг хъӕу Уисты уавӕр, цы ран гуырдзиаг полици сӕвӕрдта ӕнӕзаконон блокпост.
ИӔАМ форматы фембӕлдтӕ уагъд цӕуынц 2009 азӕй фӕстӕмӕ.