Хуссар Иры абитуриентӕн, кӕцытӕ цӕуынц УФ ахуыргӕнӕндӕттӕм, хъуамӕ ма уа пропискӕ Уӕрӕсейы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны абитуриенттӕн, кӕцыты фӕнды бацӕуын уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм Россотрудничествойы квотӕты фӕрцы, хъуамӕ ма уа регистраци Уӕрӕсейы территорийыл. Уый тыххӕй Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министр Лолаты Аслан.
"Кӕд абитуриентӕн ис регистраци Уӕрӕсейы территорийыл, уӕд йӕ бон нӕ уыдзӕн райсын ӕмбӕстаджы статус, кӕцы цӕры фӕсарӕнты. Уыимӕ иумӕ, дзырд нӕ цӕуы УФ ӕмбӕстӕгадыл, ӕрмӕстдӕр пропискӕйыл", - загъта министр.
Лолаты Аслан бахахх кодта, зӕгъгӕ, хуссарирыстойнаг абитуриентты, кӕцыты фӕнды райсын Россотрудничествойы квотӕтӕ, хъуамӕ сӕхи рафыссой Уӕрӕсейы цӕрыны бынатӕй 1 сентябры онг.