Хуссар Иры æфсæддонтæ фылдæр рæстæг хардз кæндзысты æхсыны цæттæкæнынадыл полигоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон полигоныл фæфылдæр уыдзысты ахуырадон сахаттæ æхсыны цæттæкæнынады фæдыл, фехъусын кодта цыппæрæмы хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Сабанты Инал басгæрста полигоны цæттæдзинад ахуыртæм
Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Сабанты Инал басгæрста полигоны цæттæдзинад ахуыртæм.
"Хъахъхъæнынадон уагдоны разамонæджы уынаффæйæ æфсæддон дæлхайæдты цæттæкæнынады программæтæм бахастæуыд ивындзинæдтæ, кæцытæм гæсгæ фæфылдæр сты ахуырадон сахаттæ æхсыны цæттæкæнынады фæдыл, сæ нымæцы штатон бронетехникæ æмæ артиллерийæ пайдагæнгæйæ", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны сæргълæууæг басгæрсты рæстæджы бахахх кодта, кæй хъæуы фæхуыздæр кæнын командæгæнджыты зонындзинæдтæ алыгъуызон здæхтыты.
Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Сабанты Инал басгæрста полигоны цæттæдзинад ахуыртæм