ЦХИНВАЛ, 16 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕй иуы ӕртыццӕджы изӕры ссыгъд газы колонкӕ, трагикон фӕстиуджытӕ не ‘рцыд, республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) бригадӕтӕ ӕвӕстиатӕй цауы бынатмӕ кӕй ӕрбацыдысты, уый руаджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Цау ӕрцыд Коцты Грийы уынгыл, хӕдзары цӕрджытӕ рӕстӕгыл бадзырдтой ӕхххуысмӕ УУМ-мӕ, цауы бынатмӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты уагдоны дыууӕ бригадӕйы.
"Министрадмӕ бадзырдтой рӕстӕгыл, цардӕн тӕссаг фӕстиуджытӕ иуварс ӕрцыдысты", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бафӕдзӕхстой, цыфӕнды газы ифтонггарз дӕр кӕй у тӕссаг ӕмӕ рекомендаци радтой цӕрджытӕн, цӕмӕй-иу арӕх ӕрбаздахой специалистты ифтонггарзы техникон уавӕр басгарынӕн.