Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссарирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Дзӕгъиаты Сослан бахызт Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ Европӕйы чемпионатмӕ 23 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн, кӕцы ацӕудзӕн Бакуйы (Азербайджан).
Дзӕгъиаты Сослан архайдзӕн 97 килограммы онг уӕзы категорийы. Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг 2021 азы хайад иста дунейы чемпионаты 20 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн Уфайы, цы ран бацахста ӕвдӕм бынат.
Дзӕгъиаты Сосланӕй дарддӕр Уӕрӕсейы командӕйы сконды Европӕйы чемпионаты хайад райсдзысты Ирыстоны ноджы дыууӕ минӕвары – Гобаты Артем (57 кг) ӕмӕ Багаты Арслан (86 кг).
Европӕйы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 23 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн ацӕудзӕн Бакуйы 20-ӕй 26-ӕм маймӕ. Уӕрӕсейаг спортсментӕ турниры ралӕудзысты нейтралон статусы.