Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ "Искандер" ракетӕтӕй фехстой УГТ фӕсарӕйнаг техникӕйы лӕууӕн бынат

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 май - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ "Искандер" ракетӕтӕй фехстой Украинӕйы Гарзджын тыхты (УГТ) фӕсарӕйнаг техникӕйы лӕууӕн бынат, видео ӕрбавдыста Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Ӕфсӕдты къорд "Ныгуылӕн" оперативон-тактикон ракетон комплекс "Искандер"-ӕй фехстой УГТ фӕсарӕйнаг техникӕйы лӕууӕн бынат сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Оперативон-тактикон ракетон комплекс "Искандер" у иттӕг дырыс хӕцӕнгарз, кӕцы ӕхсы 5000 километрмӕ.