Парламентмæ кандидаттæн фадат ис сæвæрын æрмæджытæ газеттæ "Хуссар Ир" æмæ "Хурзæрин"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæм кандидаттæн фадат ис бадæттын сæ агитацион æрмæджытæ республикæйы газетты нымххуыр кæнынмæ: "Хуссар Ирыстон" æмæ "Хурзæрин"-ы. Уый тыххæй журналисттæн радзырдта Хуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæрдар Хъотайты Мария.
Агитацион æрмæг газетты ныммыхуыр кæнынæн кандидат кæнæ партийы развæлгъау хъæуы бахæссын æрмæг Централон æвзарæн къамисмæ (ЦÆК), райсын резолюци æмæ йæ æрбахæссын редакцимæ, кæцы ис Мыхуыры хæдзары дыккаг уæладзыгыл.
"Агитацион æрмæджытæ æрбахæссыны фæстаг æмгъуыд регистрацигонд партитæн у – 27 майы 11.00 сахат, иумандатон зылдты кандидаттæн та – 28 июны 11.00 сахат", - загъта Хъотайты Мария.
Афтæ ма кандидаттæн фадат ис райсын аргъæй рæстæг.