Къæбысты Ацæмæз: Къуаисайы гаизифтонгады проект ныридæгæн у цæттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс – Хуссар Ирыстон" бацæттæ кодта республикæйы Дзауы районы горæт Къуаисайы газифтонгады проект, уый ныридæгæн бавдыстой РХИ къухдариуæгадæн. Уый тыххæй Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы радзырдта куыстуаты сæргълæууæг Къæбысты Ацæмæз.

"Проектмæ гæсгæ Къуаисайы онг нывæндæм сæвæрын æхсæз уарæн пункты. Уыдонæй иу уыдзæн Начърепайы хъæуы, ноджы дыууæ та Надарваз æмæ Кировы хъæутæм базилæны, аннæ дыууæ – Даргъæрдуз æмæ Бзиты цæрæн пунктты, афтæ ма иу та арæзт æрцæудзæн горæт Къуаисайы", - загъта Къæбысты Ацæмæз.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Къуаисайы газифтонгады проекты аргъ у 17 милуан сомы.