ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны газ æмæ электроэнергийы тарифтæ баззадысты ивгъуыд азы æмвæзадыл, фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы сæргълæууæг Къæбысты Ацæмæз.
"Тарифтæ фæфылдæр кæныны фæдыл ныртæккæ информаци нæй. Уыдон баззадысты ивгъуыд азы æмвæзадыл. Уый æххæст æрцыд республикæйы къухдариуæгады архайды руаджы", - бахахх кодта Къæбысты Ацæмæз.