РХИ хицауад материалон æххуыс бакодта Дзауы районы цæрæгæн, кæцыйæн басыгъд йæ хæдзар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 май – Sputnik, Дзæгиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта материалон æххуыс бакæнын Дзауы районы Итраписы хъæуы цæрæг Нартыхъты Ангелинайæн, кæцыйы мулк бахъуыгдард зынгсирвæзты фæстиуæгæн ацы аз 20 марты.
Хицауад аскъуыддзаг кодта рахицæн кæнын зианбаййафæгæн 100 мин сомы фæсауæрцон фондæй.
Хуссар Ирыстоны хицауад иудадзыг финансон æххуыс кæны æрдзон бæллæхтæй зианбаййафджытæн.