Ленингоры районы фӕсивӕд бафснайдтой кувӕндоны территори

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы спорт ӕмӕ фӕсивӕды хайад бафснайдтой Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы рагон аргъуан Цирколы хъӕуы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы администрацийы пресс-службӕйы хистӕр Кокойты Анжела.
"Фӕсивӕд бафснайдтой кувӕндоны территори, ссыгъдӕг йӕ кодтой фароны кӕрдӕг, пыхс ӕмӕ къӕцӕлӕй. Кувӕндоны мидӕг дӕр активисттӕ ссыгъдӕг кодтой", - загъта Кокойты Анжела.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсивӕдӕн бахъуыд цалдӕр сахат активонӕй бацархайын, цӕмӕй сыгъдӕг бынат ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕной.
Ленингоры районы фӕсивӕд бафснайдтой кувӕндоны территори
"Сыгъдӕг бынӕттӕм хъусдард у нӕ комкоммӕ хӕс, ахӕм акцитӕ та нӕм цӕуы ӕдзух", - хъусын кӕны пресс-службӕ спорт ӕмӕ фӕсивӕды хайады хистӕр Бедойты Георгийы ныхӕстӕ.
Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы рагон аргъуан Цирколы хъӕуы амад ӕрцыд IX-X ӕнусы.
Ленингоры районы фӕсивӕд бафснайдтой кувӕндоны территори