Цæгат Иры фæдзæхсынц тæрккъæвдатæ æмæ тыхдымгæйæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik. Цæгат Ирыстоны цæрджытæм æввахс суткæты дæргъы æнхъæлмæ кæсынц тæрккъæвдатæ æмæ тыхдымгæ, хъусын кæны Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) сæйраг фæткдаруат регионы фæдыл.
Нысангонд æрцыд, æвзæр боныгъæд кæй уыдзæн къуырисæры онг.
"Цæгат Кавказы гидрометеослужбæйы фæткдаруаты информацимæ гæсгæ 24, 25, 26 æмæ 27 майы Цæгат Ирыстоны территорийыл æнхъæлмæ кæсынц тæрккъæвдатæм æмæ дыхдымгæмæ 20-25 м/с", - дзырдæуы уагдоны штормон фæдзæхсты.
Министрад сиды регионы цæрджытæм, цæмæй æххæст кæной сæрмагонд æдасдзинады фæтктæ.