Хуссар Иры делегаци хайад райсдзæн æхсæнадæмон экономикон форумы Санкт-Петербурджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хицауады сæрдар Джуссойты Константины сæргълæудæй хайад райсдзæн æхсæнадæмон экономикон форумы Сантк-Петербурджы. Уый тыххæй хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Форум цæудзæн Фонд "Росконгресс"-ы эгидæйы бын "Экспофорум" равдыстон центры 5-æй 8-æм июньмæ.
"Мах нывæндæм æххæст кæнын активон кусæгон баныхас, фембæлдтæ бизнес-æхсæнады минæвæрттимæ, афтæ ма архайдзыстæм экономикон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныныл. Ныфс мæ ис, ацы форум кæй уыдзæн пайдаджын", - загъта Джуссойты Константин.
Нысангонд æрцыд, форумы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны делегаци хайад кæй райсдзæн пленарон рабадты, ауадздзæн кусæгон баныхас потенциалон экономикон партнертимæ.