Цхинвалы центр сабаты изӕры рӕстӕгмӕ сӕхгӕндзысты хӕдтулгӕты змӕлдӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. Цхинвалы Театралон фӕзуаты ахуырадон азы фӕуды фӕдыл бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ уадзыны тыххӕй сабаты изӕры столицӕйы центр рӕстӕгмӕ сӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлдӕн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ 18.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг сӕхгӕндзысты Театралон фӕзуат Тӕболты – Пушкины, Хетӕгкаты – Тугъанты уынгты алвӕндӕгтыл", - банысан кодтой министрады.
Уагдон сиды шофыртӕм, цӕмӕй равзарой альтернативон фӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕной фӕндагон змӕлды фӕтктӕ.