Хуссар Иры ӕвзӕрстытӕм бацӕттӕ кӕндзысты 40 мин бюллетены республикон ӕвзарӕн зылдӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) ныммыхуыр кӕндзӕн 40 мин бюллетены республикон ӕвзарӕн зылды хъӕлӕскӕнынады фӕдыл. Ӕмбӕлон уынаффӕ мыхуыр ис ЦӔК-ы официалон сайтыл.
Ӕвзарӕн бюллетеньтӕ сцӕттӕ кӕнын ӕмӕ cӕ ЦӔК-ы бӕстыхаймӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ сӕ цӕст дардзысты къамисы дыууӕ уӕнг – Карсанты Хъазбег ӕмӕ Дудайты Альберт.
Уый размӕ къамис сфидар кодта ӕвзарӕн бюллетены формӕ ӕмӕ текст ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл республикон ӕвзарӕн зылдӕн.
Республикон ӕвзарӕн зылды бюллетены жерьевкӕйы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ номхыгъды уыдзысты политикон партиты эмблемӕтӕ.
Уымӕй дарддӕр ЦӔК сфидар кодта иумандатон ӕвзарӕн зылдты бюллетеньты нымӕц. Алкӕцы ӕвзарӕн зылдӕн дӕр сцӕттӕ кӕндзысты бюллетеньты дырыс нымӕц.