Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта бронзӕйон майдан Европӕйы чемпионаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Хуссар Ирыстонӕй Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕйон майдан Европӕйы чемпионат 23 азы онг кары спортсменты ӕхсӕн Бакуйы (Азербайджан).
Джиоты Арсений, кӕцы архайдта Азербайджаны командӕйы сконды, рамбылдта бронзӕйон майдан 86 килограммы уӕзы категорийы. Ӕртыккаг бынатыл тохы уый фӕуӕлахиз Мика Маркус Элкалайыл 11:0 хыгъдӕй.
Джиоты Арсений ма у хистӕр кары спортсменты ӕхсӕн 2024 азы Европӕйы чемпионаты бронзӕйон призер. Афтӕ ма рамбылдта сыгъзӕрин майдан Хӕдбар паддзахӕдты ӕмбалады бӕстӕты II хъӕзтыты.