ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik, Томайты Аманда. Дменисы хъæуы 74-аздзыд цæрæджы æнæниздзинады уавæр фæхуыздæр, фехъусын кодтой Sputnik-æн республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) травматологийы хайады.
Цау æрцыд къуырисæры, хъаугъайы фæстæ Дменисы хъæуы 71-аздзыд цæрæг бакалдта æртаг йæ сыхагыл æмæ йыл баппæрста судзгæ спичкæ. Зианбаййафæджы бахъуыд госпитализаци.
"Абон пациенты æнæниздзинады уавæр у хуыздæр. Йæ фырты фæндыд æй хæдзармæ акæнын, фæлæ дохтыртæ аскъуыддзаг кодтой ныууадзын нæлгоймаджы цæстдарды бын", - загътой рынчындоны.
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, ацы фыдракæнды зæрдæхсайгæйы æрцахстой.