Хуссар Иры президент радта Хъахъхъæнынады министрадæн хæдтулгæтæ "УАЗ Патриот"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта хъахъхъæнынады министрад æмæ радта уагдонæн дыууæ хæдтулгæйы "УАЗ Патриот", хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Президент бабæрæг кодта уагдон Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны хæдразмæ.
"Хуссар Ирыстоны райсом уыдзæн стыр бæрæгбон. 1992 азы республикæ расидт йæ хæдбардзинад, адæм райдыдтой тох сæрибар æмæ суверенитетыл", - загъта Гаглойты Алан.
Президент бузныджы ныхæстæ загъта алкæмæндæр, чи бахаста йæ хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидынмæ. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты абоны фæлтæр цæттæ у дарддæр кæнын уыцы тох, паддзахад та йæхирдыгæй хæсджын у хуыздæр кæнын службæйы уавæртæ.
Хуссар Иры президент радта Хъахъхъæнынады министрадæн хæдтулгæтæ "УАЗ Патриот"