ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министр Елдзарты Константины, ӕмбӕлон барамынд ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл.
"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-ӕм статьяйы 7-ӕм пунктмӕ гӕсгӕ ссæрибар кæнын Елдзарты Константины Республикӕ Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министры бынатӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Президент ноджы иу барамындӕй снысан кодта уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй Цоциты Зауыры, кӕцы уый размӕ куыста арӕзтады министры хӕдивӕгӕй.