ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссæрибар кодта Танделаты Вепхвияйы хъахъхъæнынады министры хæдивæджы бынатæй. Танделаты Вепхвия куыста ацы бынаты 2023 азы 12 апрелæй.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 33-æм пунктмæ гæсгæ ссæрибар кæнын Танделаты Вепхвияйы Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæдивæджы бынатæй", - дзырдæуы барамынды, кæцы ныммыхуыр кодтой паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
Барамынд йæ тыхы бацыд йæ бафысты бон, 28 майæ фæстæмæ.