Транскамы сног кодтой фӕндагон змӕлд – Хуссар Иры УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой фӕндагон змӕлдӕн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Уый размӕ Цӕгат Ирыстоны УУМ фехъусын кодтой, трассӕ кӕй сӕхгӕдтой знон изӕр сӕрмагонд барамынды онг цӕгатирыстойнаг фадыгыл доны ӕмвӕзад кӕй схызт, уый тыххӕй.
"Транскам гом у автотранспорты змӕлдӕн", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.