ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik. Цыппар хуссарирыстойнаг уæзисæджы рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ Дзæуджыхъæуы гом фыццагады, хъусын кæн къуырисæры фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæ.
Ерыстæ нывонд уыдысты Сывæллæтты хъахъхъæныны бонæн.
"Хуссарирыстойнаг спортсментæ æдæппæт рамбылдтой цыппар сыгъзæрин майданы: Гæджиты Ренат (41 кг), Цъæхилты Барсæг (61 кг), Сабанты Хетæг (55 кг) æмæ Къæбысты Арсен (64 кг)", - банысан кодтой комитеты.
Спортсментæ тренировкæ кæнынц Тасойты Олег, Кæсæбиты Александр æмæ Пæррæстаты Андрейы къухдариуæгады бын.