Цхинвалы сараздзысты таладон горӕты зӕлдфӕлындынӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕнд кӕнынц скӕнын таладон дидинджыты ӕмӕ талаты хъомыл кӕнынӕн. Уый тыххӕй радзырдта горӕты администрацийы хӕрзарӕзтады комбинаты зӕлдфӕлындӕн фӕткдаруаты хистӕр Пӕррӕстаты Ирина.
"Ныридӕгӕн ныхас кӕнӕм горӕты разамынадимӕ, цӕмӕй фӕззӕджы нӕхи таладон саразӕм. Зӕхх нын ис "Мӕскуыйаг" микрорайоны", - загъта уый.
Пӕррӕстаты Ирина ма бафтыдта, талатӕ ӕлхӕнгӕйӕ цӕуынц тынг зынаргъ ӕмӕ фӕткдаруаты бюджет та горӕты цӕй бӕрц хъӕуы тала ӕмӕ дидин, ууыл не 'ххӕсы.
Уый ма бафиппайдта, ныр дӕр сӕ фӕткдаруаты кӕрты схъомыл кӕнынц талатӕ ӕмӕ дидинтӕ.