ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik. Украинӕйы ныры онг тобӕгонд у алцыдӕр уырыссаг – ӕвзаг, культурӕ, ахуырад ӕмӕ Дзыллон информацион фӕрӕзтӕ, дзырдӕуы Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады доклады.
"Киевы нацистон методтӕ ӕххӕст бӕрцӕй реализаци цӕуынц уырыссаг ӕвзагыл дзурӕг цӕрджыты ныхмӕ Украинӕйы. Ныры онг ацы бӕстӕйы тобӕгонд у алцыдӕр уырыссаг (ӕвзаг, культурӕ, ахуырад ӕмӕ Дзыллон информацион фӕрӕзтӕ). Дерусификацийы процесс бахӕццӕ апогеймӕ ахуырады къабазы. Скъолаты нӕй гӕнӕн ахуыр кӕнын предметтӕ уырыссаг ӕвзагыл. Уырыссаг авторты литературон уацмыстӕ систой скъолаты программӕтӕ литературӕйӕ. Скъоладзаутӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн нӕй гӕнӕн дзурын уырыссаг ӕвзагыл хисӕрмагонд баныхасы рӕстӕджы дӕр", - дзырдӕуы доклады.
Уыцы фехӕлдты тыххӕй нӕ дзурынц Ныгуылӕн ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон барадхъахъхъӕнӕг организациты фылдӕр хай – Киев ӕххӕст кӕны фӕсарӕйнаг кураторты фӕдзӕхсттӕ, хъусын кӕны Уӕрӕсейы ФХМ.