ХИПУ-йы байгом Пушкинӕн нывонд равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты байгом равдыст Александр Пушкины райгуырӕн боны 225-ӕм афӕдзы боны цытӕн.
ХИПУ-йы байгом Пушкинӕн нывонд равдыст
Уӕрӕсейаг минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Александр Журов фехъусын кодта, минӕварады хӕслӕвӕрд кӕй у ӕрбаздахын Пушкины сфӕлдыстадмӕ ӕвзонг фӕлтӕры.
"Минӕварад ӕмӕ Россотрудничествойы хӕслӕвӕрд ацы равдыст бакӕнгӕйӕ у ӕрбаздахын номдзыд поэты сфӕлдыстадмӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студентты хъусдард", - загъта уый.
"Уырыссаг хӕдзары" сӕргълӕууӕг Цхинвалы Сергей Комиссаров банысан кодта, Хуссар Ирыстон алыхатт дӕр кӕй ӕххуыс кӕны ахӕм мадзӕлтты рӕстӕджы.
ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим бахахх кодта, университет дарддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ахӕм проекттӕ уадзын.
Мадзал сорганизаци кодта Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны Паддзахадон музей "Остафьево" - "Русский Парнас"-имӕ иумӕ.
ХИПУ-йы байгом Пушкинӕн нывонд равдыст