Хуссар Иры Дзауы районы "Грантæ" хæдтулгæ ахаудта фæндаггæронмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik. Фæндагон-транспортон цау æрцыд Дзау-Рукъ фæндаджы 59-æм километрыл, буары цæфтæ райста хæдтулгæйы шофыр, фехъусын кодта æртыццæджы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"LADA Granta хæдтулгæйы шофыр, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ сырæхст скъæрын æмæ транспортон фæрæз ахаудта фæндаггæронмæ", - банысан кодтой министрады.
Цауы фæстиуæгæн шофыр райста буары цæфтæ, бафтыдтой уагдоны.