Хуссар Ир фидарӕй цӕуы размӕ: премьер Петербурджы экономикон форумы ӕнтыстыты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстон фидарӕй лӕууы райрӕзты фӕндагыл. Цы зындзинӕдтӕ ис нӕ разы, уыдон иууылдӕр гӕнӕн ис аскъуыддзаг кӕнын, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джуссойты Константин Sputnik-ӕн йӕ интервьюйы рӕстӕджы.
Хуссарирыстойнаг делегаци премьер Джуссойты Константины сæргълæудæй хайад исы Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы.
"Мах активонӕй реализаци кӕндзыстӕм нӕ бадзырдтӕ. Ныридӕгӕн радтам фӕдзӕхсттӕ профилон уагдӕттӕн – уыдон ӕмархайд кӕндзысты сӕ коллегӕтимӕ. Уыцы куыст ӕнӕмӕнг ӕрхӕсдзӕн хорз фӕстиуджытӕ. Перспективон проекттӕ бирӕ ис. Мах дарддӕр дӕр активонӕй агурдзыстӕм инвесторты", - бахахх кодта премьер.
Джуссойты Константин уӕлдай рахицӕн кодта Хъырымы делегациимӕ фебмӕлд, уыдонимӕ фыст ӕрцыдысты ахсджиаг бадзырдтӕ. Цхинвал ӕмӕ Ялта уыдзысты горӕттӕ-ӕфсымӕртӕ, уый та ӕвдисы фидар хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстад регионты ӕхсӕн.