ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны банкон картӕтӕ "Золотая корона" ӕмӕ "Мир"-ӕй пайда кӕнынц 20 мин адӕймаджы, фехъусын кодта республикӕйы Национ банчы сӕргълӕууӕг Джиоты Жанна бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл.
"Ивгъуыд аз адарддӕр ис куыст "Золотая корона" ӕмӕ "Мир" картӕты фӕдыл. Ацы картӕтӕй пайда кӕнынц 20 мин адӕймаджы. Республикӕйы организациты мыздон проектмӕ рахизын кӕныны фӕдыл программӕйы фӕлгӕтты ивгъуыд азы кӕронмӕ ракодтам 43 организацийы. Республикӕйы кусынц 15 банкоматы. Ныртӕккӕ архайӕм, цӕмӕй уӕлӕмхасӕн офисты бакӕнӕм ноджы фӕйнӕ иу банкоматы", - банысан кодта Джиоты Жанна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы Национ банк интеграци ӕрцыд Уӕрӕсейы Банчы финансон хъусинӕгты системӕмӕ – уый руаджы финансон хъусинӕгтӕ ӕдзух ӕххӕст цӕуынц куыд Уӕрӕсейы территорийыл, афтӕ фӕсарӕнты дӕр, уый та уӕлдай ахсджиаг у уӕрӕсейаг банктӕ 2022 азы марты SWIFT системӕйӕ куы ахицӕн кодтой, уый фӕстӕ.