Хуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны ссардтой Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) хӕстонты рухс нӕмттӕ, уыдон фӕмард сты 1992 азы июны.
Хуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ
Фыдохы мадзал ацыд ТЭК-ы территорийыл. Санахъоты Григорий, Губаты Зураб, Дзабиты Геннадий, Юрий Кожухов, Александр Михайленко ӕмӕ Гӕбӕраты Станиславы нӕмттӕ цы мемориалыл фыст сты, уымӕ веноктӕ сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ӕмӕ МСНК кусджытӕ.
Гуырдзиаг агрессортӕ 1992 азы июны бафӕлвӕрдтой Цхинвалы радон штурм. Хуссар Ирыстоны МСНК къорд хъахъхъӕдта ТЭК-ы территори ӕмӕ карз тохы бацыд знагимӕ. Тугкалӕн тохы рӕстӕджы фӕмард сты къорды ӕхсӕз хӕстоны. Хъайтарты нӕмттӕ радтой Цхинвалы уынгтӕ ӕмӕ скъолатӕн.
Хуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ