Цхинвалы ӕвзӕрстыты бон байгом уыдзӕн ЦӔК-ы информацион центр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламентмӕ депутатты ӕвзӕрстыты хъӕлӕскӕнынады бон Цхинвалы байгом уыдзӕн Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) информацион центр.
Центр кусдзӕн Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-центры. Ацы ранмӕ цӕудзӕн информаци хъӕлӕскӕнынады цыд, ӕвзарджыты нымӕц ӕмӕ фехӕлдты фӕдыл. Информацион центры ма боны дӕргъы ацӕудзысты цӕстдарджытӕ ӕмӕ хицауады органты минӕвӕртты ралӕудтӕ.
ЦӔК цыппӕрӕмы сарӕзта кусӕгон къорд информацион центры архайды организацийы фӕдыл. Йӕ сӕргъ слӕууыд ЦӔК кусӕг Карсанты Хъазбег.
ЦӔК сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия банысан кодта, информацион центр кӕй кусдзӕн 10.00 сахатӕйю. Развӕлгъау фӕстиуджытӕ хъӕлӕскӕнынады бон фехъусын кӕндзысты 23.00 сахатыл.