Хуссар Иры президент схъæлæс кодта парламентмæ æвзæрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сæххæст кодта йæ граждайнаг хæс æмæ схъæлæс кодта парламентмæ æвзæрстыты.
Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, алкæцы æмбæстаг дæр кæй хъуамæ æрбацæуа æвзæрстытæм æмæ йæхæдæг равзара йæ сомбон.
"Мах уыдыстæм æвзæрстон кампанийы æвдисæнтæ. Æвзæрстон кампани цыд сабыр уавæры. Централон æвзарæн къамисæн бантыст саразын æмхуызон уавæртæ, æмæ фехæлдтæ бæрæггонд не ‘рцыд. Ис мæ ныфс, Хуссар Ирыстоны æстæм æрсидты парламентмæ æвзæрстытæ кæй ацæудзысты законы фæлгæтты", - загъта президент.
Афтæ ма президент раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн Згъудеры Уастырджыйы бæрæгбоны фæдыл.