Хуссар Иры ӕрцахстой Паддзахадон автоинспекцийы кусӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой Паддзахадон автоинспекцийы кусӕджы, уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы ӕнахъом чызгӕн тыхми саразынмӕ, фехъусын кодтой дыццӕджы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.
"Зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаджы ӕрцахстой криминалон милицийы кусджытӕ ӕмӕ йӕ бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Цауы фӕдыл ӕрмӕджытӕ барвыстой генералон прокуратурӕмӕ, уагъд цӕуы багӕрст, бафтыдтой министрады.