Хуссар Иры хъӕутӕй иуы хисӕрмагонд хӕдзары аиуварс кодтой зынгсирвӕзт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Итраписы хъӕуы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт хисӕрмагонд хӕдзары, хъусын кӕны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Хуссар Ирыстоны УУМ зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт Дзауы районы Итраписы хъӕуы", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
Хуссар Иры хъӕутӕй иуы хисӕрмагонд хӕдзары аиуварс кодтой зынгсирвӕзт